Зынаргъ хæлæрттæ!
Майы 15-æм бон æрвыл аз дæр мах нысан кæнæм Ирон æвзаджы бон, æмæ мæ фæнды, цæмæй Литературон преми «Булæмæргъ»-ы Советы номæй аемае мæхи номæй арфæйы ныхæстæ зæгъон, фыццаг рады, Уæрæсейы æмбæстæгтæн æмæ нæхи æмзæххонтæн, — кæмæн сты зынаргъ традицитæ, чи хъахъхъæны æмæ, мадæлон æвзаг куыд адæмы кульутрæйы бындур чи размæ кæны, уыдонæн.
Ивгъуыд аз уыди зын, æмæ сси уæззау æвзарæнты дуг куыд Ирыстон, афтæ æппæт дунейы иннæ адæмтæн дæр. Бирæ цымыдисон хъуыдытæ æмæ нывæзтытæ æнæххæстæй баззадысты. Ныфс нæ ис, ацы аз уавæр кæй фæивдзæн, рын кæронмæ саст кæй æрцæудзæн æмæ Ирыстон æмæ Уæрæсейы культурон-историон интеграциимæ баст бирæнымæц хъуыдытæ æмæ нывæзтытæ æххæст кæй æрцæудзысты.
Дызæрдыггаг нæу, ирон æвзаг чи парахат кæны æмæ курдиатджын адæмы чи иу кæны, уыцы «Булæмæргъ»-ы премийы нысаниуæгад иттæг ахсджиаг кæй у ирон литературон традицийы райрæзтæн. Хъæуы сæрмагондæй банысан кæнын, ацы премии кæй у, Уæрæсейы Федерацийы динамиконæй размæ чи цæуы, уыцы литературон конкурстæй иу. Премийы абоны бонмæ уагъд æрцыд цыппар сезоны, æмæ уыдон рабæрæг кодтой дунеон æмвæзады лауреаты, ирон æвзаджы дыууæ диалектыл дæр чи фыссы уацмыстæ æндæр æмæ æндæр литературон жанрты, дунейы бирæ æвзæгтæм ирон фысджыты уацмысты курдиатджын тæлмацгæнджыты.
Преми «Булæмæргъ» фыццаг рады у национ преми, фæлæ фарон Литературон премийы Совет уынаффæ райста хицæн номинаци саразыны тыххæй, Ирыстоны, ирон æвзагимæ иумæ,паддзахадон æвзаг чи у, уыцы уырыссаг æвзагыл æндæр æмæ æндæр жанрты уацмыстæ чи фыссы, ахæм автортæн. Стыр æхсызгонæй мæ фæнды бахахх кæнын, 2020 азы конкурс хорзыл кæй банымадтой Уæрæсейы Федерацийы иууыл ахадгæдæр структурæтæ æмæ организацитæ.Уыдон æхсæн сты Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад, Санкт-Петербургы Хицауад, Россотрудничество, Уæрæсейы Федерацийы Фысджыты Цæдис, фонд «Русский мир» æмæ бирæ æндæртæ.
Ивгъуыд азы декабры 30-æм бон хъуамæ фæуыдаид литературон преми «Булæмæргъ»-ы конкурсмæ уацмыстæ исыны ‘мгъуыд, фæлæ премийы Æвджиудар Совет уынаффæ райста, цæмæй куыстытæ исыны ‘мгъуыд 2021 азы фæззæджы онг адарддæр чындæуа.
Зынаргъ хæлæрттæ! Дунейы сæвзæргæ уавæр хуымæтæг нæу, фæлæ сымах дарддæр кæнут уе сфæлдыстадон куыст æмæ дуне йедзаг кæнут рæсугъддзинадæй, арæзтады æгæрон хъаруйæ.
Цы фæнды адæмы сæйраг атрибут алы хатт дæр уыд æмæ у æвзаг. Уый у цы фæнды адæмы культурæйы æнæбайсгæ хай. Ирон æвзаг бахъахъхъæнын у нæ бæрнон хæс фидæны фæлтæрты раз.
Ныфсджынæй архайут, домбайæ дардæр кæнут уе сфæлдыстадон куыст, ирон национ литературæйы традицитæн бындур чи сæвæрдта, сисы уыцы стыр дæснытæ – фысджытæ, поэттæ, прозаиктæ æмæ литераторты æвзаджы, æгæрон рæсугъд, аив æмæ, ‘мбал кæмæн нæй, мадæлон æвзаджы уыцы палитрæйы тынтæй удцырын æвгæнгæйæ.
Мæ зæрдæ уын зæгъы сабырдзинад, æнæфæцудгæ ‘нæниздзианд æмæ дарддæры сфæлдыстатон æнтыстытæ мадæлон æвзаджы фарндæттæг фадыджы!
Знаур Гассиев: Значимость Премии «Буламаргъ», популяризирующей осетинский язык, крайне важна для развития осетинской литературной традиции
Дорогие друзья!
По случаю Дня осетинского языка, который ежегодно отмечается в Осетии 15 мая, от имени Совета Литературной премии «Буламаргъ» и от себя лично хочу выразить слова поздравления, в первую очередь, гражданам России и нашим соотечественникам, – кому дороги традиции, сохранение и развитие родного языка – как носителя культуры народа.
Минувший год выдался тяжелым и стал временем испытаний – как для Осетии, так и для народов всего мира. Многие интересные идеи и планы остались нереализованными. Мы надеемся, что нынешний год станет переломным в деле окончательного преодоления пандемии и реализации множества идей и проектов, связанных с культурно-исторической интеграцией России и Осетии.
Без сомнения, значимость Премии «Булæмæргъ», популяризирующей осетинский язык и объединяющей лучших из талантов, крайне важна для развития осетинской литературной традиции. Следует особо подчеркнуть, что данная Премия является одной из наиболее динамично развивающихся литературных конкурсов в Российской Федерации. Четыре минувших сезона Премии выявили международных лауреатов, пишущих произведения в самых различных литературных жанрах на обоих диалектах осетинского языка, а также талантливых переводчиков произведений осетинских авторов на многие языки народов мира.
Премия «Буламаргъ» является, в первую очередь, национальной премией, однако в прошлом году Советом Литературной премии было принято решение об учреждении отдельной номинации для авторов, пишущих произведения в различных жанрах на русском языке, являющимся, наряду с осетинским – вторым государственным языком Осетии. С большим удовольствием хочу подчеркнуть, что в 2020 году конкурс получил широкую поддержку самых влиятельных структур и организаций Российской Федерации. В частности, Премия нашла поддержку в лице Министерства иностранных дел России, Правительства Санкт-Петербурга, Россотрудничества, Союза писателей РФ, Фонда «Русский мир» и многих других.
30 декабря минувшего года должен был завершиться прием произведений на конкурс литературной премии «Буламаргь», но Попечительский совет Премии вынес решение продлить прием работ до осени 2021 года.
Дорогие друзья! Несмотря на непростую ситуацию в мире, вы продолжаете творить и наполнять мир красотой, нескончаемой энергией созидания.
Главным атрибутом любого народа всегда являлся и является – язык. Это неотъемлемая часть культуры любой нации. Сохранение осетинского языка – наш нравственный долг перед будущими поколениями.
От всего сердца желаю вам творить и созидать, черпая вдохновение в бесконечно красивых, тонких и уникальных нитях палитры родного языка, языка великих творцов пера – писателей, поэтов, прозаиков и литераторов, заложивших основы и традиции осетинской национальной литературы.
Желаю вам мирного неба, доброго здравия и дальнейших творческих побед на благодатной ниве родного языка!